Сергей Меняйло фембӕлд федерацийы советы сӕрдары хӕдивӕг Инна Святенкоимӕ
Цӕгат Ирыстоны кусӕг балцы сты Федерацийы Советы уӕнгтӕ. Сергей Меняйло фембӕлд Парламенты Уӕллаг Палатӕйы сӕрдары хӕдивӕг Инна Святенкоимӕ. Ӕрныхас кодтой социалон-экономикон къабазыл, инвестицион политикӕйыл, уыимæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысыл. Вице-спикер баххах кодта ӕфсӕддонты сабыр цардмӕ адаптаци кӕныны ахадындзинад. Уыимæ ма фæнысан кодта, регионы бавӕрӕн адӕмон сфæлдыстады хæзнатæ бахъахъхъӕныны фæдыл. Уый фӕстӕ ӕмбырды ныхас цыд креативон экономикӕйы райрæзтыл. Архайдта дзы премьер Дзанайты Барис. Сӕйраг ӕргом аздӕхтой ӕрмдӕсныйады парахатмæ. Республикӕйы егъау компаниты минӕвӕрттӕ радзырдтой сӕ куысты, ӕнтыстдзинӕдты ӕмӕ дарддӕры пълæнтты тыххӕй.