Коммуналон службæты куысты фæтк фæкарздæр кодтой

Республикӕйы февзæрдæр уыдзысты боныхъӕды уавӕртӕ. Хæстæгдæр æртæ боны Цӕгат Ирыстоны, гæнæн ис, æмæ уа тæрккъæвдатæ, ихуард æмæ тыхджын дымгæимæ, тæссаг у донивылдтытæй. Водоканалы специалисттӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй рад хæссынц ӕппӕты зындӕр бынæтты, уыимæ Марковы, Цæлыккаты Хъантемыры ӕмӕ Пожарскийы уынгты. Къæвдайы донæмбыргæнæн системӕ кусы æнæкъуылымпыйæ. Раздæр коммуналон службæйы специалисттæ ссыгъдӕг кодтой къанæуттæ æмæ басгæрстой горæты хызтæ. Куыстуаты ӕппӕт службӕтӕ дӕр ивд ӕрцыдысты цӕттӕдзинады карздæр фæткмæ. Цыфӕнды авариты ӕмӕ фарстаты тыххӕй дӕр цæрджытæн сæ бон у хъусын кӕнын цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады колл-центрмӕ - телефоны номыр уӕ экрантыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 423 подписчика
12+
2 просмотра
2 дня назад

, чтобы оставлять комментарии