Сергей Меняйло сарӕзта ӕмбырд артаджы базарады фарстаты фӕдыл

Цӕгат Ирыстоны бензины аразгӕ дефицит не 'руадздзысты. Уавӕрмӕ цӕст дары регионы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Профилон министрадтӕ ӕмӕ монополиты ныхмæ Федералон службӕйы минӕвӕрттимӕ оперативон æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтӕмӕй артаджы ӕвӕрӕнтӕ нефтебазӕтæ ӕмӕ артаджы станцӕты ныртӕккӕ фаг сты. Фӕлӕ сыхаг регионты домӕнтӕ кӕй фӕфылдӕр сты, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕзына радтӕ. Бынӕттон шофырты бахъахъхъӕнын ӕмӕ зæхкусджыты быдырон куыстыты тӕмӕны сифтонг кӕныны тыххӕй республикӕйы ӕххӕст кӕнынц нымæцон цæстдард. Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министрад фæлварæн хуызы рауадздзæн интерактивон онлайн-картӕ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 423 подписчика
12+
5 просмотров
3 дня назад

, чтобы оставлять комментарии